Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Куыд ис хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнӕн?

Куыд ис хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнӕн?

Хорз дзуаппытӕ ӕмбырд фидар кӕнынц (Ро 14:19). Адӕймаг дзуапп куы фӕдӕтты, уӕд уый йӕхицӕн дӕр пайда вӕййы (Ӕм 15:23, 28). Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй алы ӕмбырды дӕр, ӕппынкъаддӕр, иу дзуапп раттӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ къухыл цал хатты схӕцдзыстӕм, уал хатты нӕ нӕ бафӕрсдзысты. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид цалдӕр дзуаппы бацӕттӕ кӕнын.

Хорз дзуапп у...

  • хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ цыбыр. Фылдӕр хатт дзуапп вӕййы 30 секунд кӕнӕ къаддӕр

  • хи ныхӕстӕй кӕй зӕгъай

  • дӕ размӕ цы хъуыдытӕ загътой, уыдон ногӕй куы нал зӕгъай

Дӕу фыццаг куы бафӕрсой, уӕд-иу...

  • хуымӕтӕг ӕмӕ фарстайӕн комкоммӕ дзуапп ратт

Кӕд фарстайӕн дзуапп радтой, уӕд-иу...

  • бамбарын кӕн, абзацы цы стих ис, уый абзацы хъуыдыимӕ куыд баст у

  • зӕгъ, царды нын цы пайда у

  • зӕгъ, уыцы ӕрмӕгӕй нӕ бон куыд у спайда кӕнын

  • цыбыртӕй исты цӕвиттон радзур