Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ӔМБИСӔНДТӔ 1–6

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл»

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл»

Йегъовӕ не ’ууӕнчы аккаг у. Йӕ ном цы нысан кӕны, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ бон кӕй у йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнын. Цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ кувӕм. Ӕмбисӕндты 3 сӕры фыст ис, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн сӕ «фӕндаг раст кӕндзӕн», зӕгъгӕ.

Йӕхи цӕсты зондджын чи у, уый...

3:5–7

  • уынаффӕ рахӕссыны размӕ Йегъовӕйӕ разамынд нӕ фӕкуры

  • йӕ ныфс фӕдары йӕхи зондыл кӕнӕ ацы дунейы зондыл

Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уый...

  • архайы, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕна, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй фӕкувы, Библи фӕахуыр кӕны ӕмӕ йыл арф фӕхъуыды кӕны

  • уынаффӕ хӕсгӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ фӕархайы

УЫНАФФӔ ХӔСГӔЙӔ ӔЗ КУЫД ФӔКӔНЫН?

ФЫЦЦАГ: ахъуыды кӕнын, мӕхимӕ гӕсгӕ растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, ууыл

ДЫККАГ: Йегъовӕмӕ фӕкувын, цӕмӕй мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕна

ФЫЦЦАГ: Йегъовӕмӕ разамынды тыххӕй фӕкувын ӕмӕ Библи фӕиртасын

ДЫККАГ: Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст куыд у, афтӕ бакӕнын