Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ӔМБИСӔНДТӔ 22–26

«Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр»

«Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр»

Ӕмбисӕндты чиныджы ныййарджытӕн ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ. Цӕмӕй тала раст рӕза, уый тыххӕй йын йӕ хъӕд сабыргай фӕраст кӕнынц. Раст афтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй хъомыл кӕнынц, уыцы сывӕллӕттӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты, куы сыстыр уой, уӕд дӕр.

22:6

  • Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ фыдӕбон

  • Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ цотӕн фӕзминаг уой, ӕмбаргӕйӕ сын зонд амоной, фӕдзӕхсой сӕ ӕмӕ сӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕной

22:15

  • Уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ цотӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд сын сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ фӕраст кӕнынц

  • Сывӕллӕттӕн зонд амонын хъӕуы алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы