Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис

Уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис

«ИИСУС ХРИСТОС – ИСТОРИЧЕСКАЯ ЛИЧНОСТЬ?»

Фарста: Иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йесо Чырысти ӕцӕгдӕр кӕй цард, ууыл. Иннӕтӕ та дзурынц, зӕгъгӕ, Йесо ӕцӕгдӕр цард. Чидӕртӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, уый сбӕлвырд кӕнӕн нӕй. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

Публикаци: Ацы брошюрӕйӕ базондзынӕ, Чырысти ӕцӕгдӕр кӕй цард, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый.

РӔСТДЗИНАД АМОН

Фарста: Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?

Стих: Ин 11:11–14

Рӕстдзинад: Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ууыл йӕ цард фӕвӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ ма тӕрсӕм, мӕлӕты фӕстӕ цы уыдзӕн, уымӕй. Йесо мард адӕймаджы абарста, фынӕй чи кӕны, ахӕм адӕймагимӕ. Лазӕры куыд райхъал кодта, афтӕ райхъал кӕндзӕн, чи нын амард, уыдоны дӕр, цӕмӕй та ногӕй зӕххыл цӕрой. (Иов 14:14; темӕ «Адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын цӕмӕн хъуыд?». Спайда кӕн, ацы темӕ кӕм ис, уыцы пъланӕй.)

ӔМБЫРДЫ ФЕМБӔЛДМӔ ХУЫНДЫ ГӔХХӔТТ (inv)

Публикаци: Хонын дӕ Библийыл арӕзт раныхасмӕ. Раныхас уыдзӕн, Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, уыцы залы. [Хуынды гӕххӕтт ын ратт ӕмӕ йын зӕгъ, фембӕлд цафон ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый. Стӕй йын зӕгъ, раныхас куыд хуыйны, уый дӕр.]

Фарста: Искуы не ’мбырды уыдтӕ? [Кӕд гӕнӕн уа, уӕд ын равдис видеоролик «Паддзахады залы цы вӕййы?».]

ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС

Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.