Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уый ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ разӕнгард кӕн

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уый ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ разӕнгард кӕн

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Ӕмбырды ӕдзухдӕр «зарӕм Йегъовӕйӕн», «кадджын кӕнӕм Йагъы» (Пс 149:1). Ӕмбырды мах ахуыр кӕнӕм йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (Пс 143:10). Фылдӕр базонын кӕй фӕнды ӕмӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдон ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайынц, уӕд сӕ уырнындзинад тагъддӕр бафидар вӕййы.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Архай, цӕмӕй-иу адӕймаджы ӕмбырдмӕ тагъддӕр фӕхонай. Алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕнын кӕд райдайдзӕн, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс (Рар 22:17)

  • Адӕймагӕн-иу бамбарын кӕн, иннӕ фембӕлды ныхас цӕуыл цӕудзӕн, уый. Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзысты ӕмбырды фембӕлдмӕ хуынды гӕххӕтт, видеоролик «Паддзахады залы цы вӕййы?» ӕмӕ брошюрӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?», 5 ӕмӕ 7 сӕргӕндтӕ

  • Ӕххуыс ын кӕн. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕймаджы, чи зоны, хъӕуы ӕмбырдмӕ ӕрбаласын кӕнӕ йын зӕгъын, цавӕр дарӕсы хъуамӕ ӕрбацӕуа, уый. Ӕмбырды-иу йӕ фарсмӕ сбад, ӕмӕ-иу публикацитӕм иумӕ кӕсут. Иннӕтимӕ-иу ӕй базонгӕ кӕн