Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМ 119

«Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрут»

«Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрут»

Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрын нысан кӕны Хуыцауы разамындмӕ ӕнӕзивӕгӕй хъусын. Псаломзарӕггӕнӕгау Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ чи цард ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, Библийы бирӕ ахӕм адӕймӕгты кой ис.

Ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм, Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд

119:1–8

Йесо Навины цардӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы разамынд ӕппӕты хуыздӕрыл кӕй нымадта. Йесо Навин зыдта, цӕмӕй ӕцӕг амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ ӕууӕнда

Хуыцауы Ныхасмӕ куы хъусӕм, уӕд цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн

119:33–40

Йереми-иу цыфӕнды зын уавӕры дӕр хъӕбатырдзинад равдыста ӕмӕ-иу йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Йереми кодта хуымӕтӕг цард ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта

Хуыцауы Ныхас хорз кӕй зонӕм, уый фӕрцы адӕмӕн уӕндонӕй хъусын кӕнӕм

119:41–48

Павел хорз хабар хъусын кӕнын нӕ тарст. Ромаг хицау Феликсӕн куы хъусын кодта, уӕд йӕ ныфс дардта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл

Мӕ бон кӕд у ныфсджындӕрӕй хъусын кӕнын?

  • Скъолайы

  • Куысты

  • Бинонтӕн

  • Иннӕтӕн