Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1–7 февралы

НЕЕМИ 1–4

1–7 февралы
  • 126 зарӕг ӕмӕ куывд

  • Разныхас (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

  • «Нееми раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕныныл зӕрдиагӕй архайдта» (10 мин.)

    • [Равдис видеоролик «Разныхас Неемийы чиныгмӕ».]

    • Не 1:11–2:3. Неемийӕн цины хос уыд, раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый (w06 1/2 17 ф., 7 абз.)

    • Не 4:14. Кӕд знӕгтӕ Йегъовӕйы хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕныныл архайдтой, уӕддӕр Нееми йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл (w06 1/2 18 ф., 3 абз.)

  • Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай (8 мин.)

    • Не 1:1; 2:1. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ацы дыууӕ стихы цы «дыууынӕм азы» кой ис, уый уыцы иу азӕй нымад цӕуы? (w06 1/2 16 ф., 5 абз.)

    • Не 4:17, 18. Къул иу къухӕй амайӕн куыд уыди? (w06 1/2 17 ф., 1 абз.)

    • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон?

    • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй уацамынды цавӕр хъуыдытӕй спайда кӕндзынӕн?

  • Библийӕ бакӕсинаг: Не 3:1–14 (4 мин. кӕнӕ къаддӕр)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

  • Ацы мӕй ныхас куыд райдайдзыстӕм, уый цӕттӕ кӕнӕм (15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис, брошюрӕтӕ куыд ис дӕттӕн, уый тыххӕй алы видеоролик дӕр ӕмӕ сыл стӕй иумӕ аныхас кӕнут. Хъусджытӕн се ’ргом раздах, хъусынгӕнӕг цы сарӕзта, цӕмӕй иннӕ хатт йӕ бон адӕймагмӕ ногӕй ӕрбацӕуын уа. Се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кӕн, цӕмӕй ӕрхъуыды кӕной, уацамынды сӕ ныхас куыд райдайдзысты, уый.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

  • 103 зарӕг

  • Дӕ хъуыддӕгтӕ ныр спълан кӕн, цӕмӕй мартъи кӕнӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнай (15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Аныхас кӕн, статьяйы «Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг дын цины хос уӕд!» цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутыл (km 2/14 2). Бамбарын кӕн, ахсджиаг кӕй у хъуыддӕгтӕ рагацау пълан кӕнын (Ӕм 21:5). Интервью райс, раздӕр ӕххуысгӕнӕг пионерӕй чи лӕггад кодта, дыууӕ ахӕм хъусынгӕнӕгӕй. Цавӕр зындзинӕдты сӕрты сӕ бахъуыд ахизын? Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын сын цавӕр циндзинад ӕрхаста?

  • Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ: ia 8 сӕр, 1–16 абз. (30 мин.)

  • Ацы ӕмӕ иннӕ къуырийы ахсджиаг хъуыдытӕ (3 мин.)

  • 135 зарӕг ӕмӕ куывд