Есфир Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд
Есфир Хуыцауы адӕмы сӕрыл куы рахӕцыд, уӕд равдыста фидар уырнындзинад ӕмӕ диссаджы хъӕбатырдзинад
-
Паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ чи бацыдаид, уымӕн тӕссаг уыд, мӕлӕты тӕрхон ын кӕй рахӕсдзысты, уымӕй. Есфирмӕ та паддзах ӕртын боны нӕ фӕдзырдта
-
Паддзах Ахашверош (ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Ахашверош уыди Ксеркс Фыццаг) уыд тынг ӕгъатыр адӕймаг. Иухатт бардзырд радта, цӕмӕй иу нӕлгоймаджы дыууӕ афадын кодтаиккой, ӕмӕ йын йӕ мард афтӕ сӕвӕрдтой, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр уыдтаиккой ӕмӕ тарстаиккой. Стӕй ма иухатт ус-паддзах Ваштимӕ мӕстӕй рафыхти, йӕ коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ йӕ бынатӕй систа
-
Есфиры бахъуыд, дзуттаг кӕй уыд, уый паддзахӕн схъӕр кӕнын ӕмӕ, паддзах кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы уынаффӕгӕнӕг ыл хинӕй кӕй рацыд, уый йын радзурын