КУСӔН ТЕТРАД Январь 2016
Ныхас райдайӕн куыд ис
Брошюрӕ «Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм?» ӕмӕ ӕрмӕг Хуыцауы номы тыххӕй. Ацы публикациты фӕрцы ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттонтӕ. Ацы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕн, уацамынды ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Хуыцауы хъуыддаджы хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын
Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, паддзах Езеки куыд фӕндфидарӕй архайдтаид, цӕмӕй та адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кувын райдыдтаиккой, уый. Спайда кӕн, 2 Азфыстыты 29–30 цы хабӕртты кой ис, уыдонӕн дзы цы схемӕтӕ, картӕ ӕмӕ рӕстӕг амонӕн хахх ис, уыдонӕй.
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕджы фӕрцы куыд ис адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнӕн
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕджы фӕрцы адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн нын баххуыс кӕндзӕн фондз хъуыддаджы
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, ахӕм бынӕттӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын у стыр кад
Зынгзӕрдӕ кӕй cтӕм ӕмӕ, Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, уыцы бынӕттӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕ аргъ кӕны, зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн
Паддзах Манасси зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый ӕркодта хорз хъуыддӕгтӕм. Абар, уацары йӕ куы нӕма акодтой, уыцы рӕстӕг цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон, Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхт, уыцы рӕстӕг цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонимӕ (2 Азфыстыты 33–36).
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны
Ездрӕйы 1–5 фыст хабӕрттӕ кӕд ӕрцыдысты, уый амонӕн хахх. Кӕд дзуттӕгтӕ бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр Вавилонӕй ӕрыздӕхтысты, раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтой ӕмӕ кувӕндон ногӕй сарӕзтой.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм
Ездрӕйы ӕмӕ йемӕ Иерусалиммӕ чи цыд, уыдоны хъуыд фидар уырнындзинад, зынгзӕрдӕдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Нывмӕ ӕмӕ картӕмӕ ӕркӕс ӕмӕ сын cӕ балц дӕ цӕстытыл ауайын кӕн.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Бацархай, цӕмӕй та адӕймагмӕ иннӕ хатт ӕрбацӕуай
Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдоны ногӕй бӕрӕг кӕнгӕйӕ цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм, уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн ӕртӕ хъуыддаджы.