Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Бацархай, цӕмӕй та адӕймагмӕ иннӕ хатт ӕрбацӕуай

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Бацархай, цӕмӕй та адӕймагмӕ иннӕ хатт ӕрбацӕуай

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У:

Рӕстдзинады мыггӕгтӕ куы байтауӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сыл дон кӕнӕм (1Кр 3:6). Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хорз уаид, куы йын зӕгъиккам, иннӕ хатт цавӕр фарстайыл аныхас кӕндзыстӕм, уый. Уӕд нын адӕймаг не ’рбацыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн ӕмӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхи иннӕ хатмӕ бацӕттӕ кӕнын. Ногӕй йӕм куы ӕрбацӕуӕм, уӕд ын нӕ бон у зӕгъын, айразмӕ цы фарстайыл баныхас кодтам аныхас кӕнын, уымӕн ын дзуапп раттынмӕ кӕй ӕрбацыдыстӕм.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Участокы дӕ ныхас цӕмӕй райдайдзынӕ, уымӕ дӕхи куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, иннӕ хатт адӕймагимӕ цы фарстайыл аныхас кӕнӕн уыдзӕн, ууыл дӕр. Фарста бацӕттӕ кӕнӕн ис, кӕй парахат кӕндзынӕ, уыцы литературӕйы темӕтӕй искӕцымӕ гӕсгӕ кӕнӕ та, иннӕ хатт адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн кӕмӕй пайда кӕндзынӕ, уыцы публикацийы темӕтӕй искӕцымӕ гӕсгӕ.

  • Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймагимӕ куы аныхас кӕнай, уӕд-иу ын зӕгъ, кӕй дӕ фӕнды йемӕ ногӕй фембӕлын ӕмӕ-иу ын зӕгъ, иннӕ хатт цы фарстайыл аныхас кӕндзыстут, уый тыххӕй. Кӕд гӕнӕн уа, уӕд-иу дзы йӕ телефоны номыртӕ райс.

  • Адӕймагӕн куы зӕгъай, иннӕ хатт ӕм цы бон ӕмӕ цафон ӕрбацӕудзынӕ, уый, уӕд-иу дӕ ныхас ма фӕсай (Мф 5:37).