Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 АЗФЫСТЫТЫ 29–32

Хуыцауы хъуыддаджы хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын

Хуыцауы хъуыддаджы хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын

Езеки фӕндфидарӕй архайдта, цӕмӕй та адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кувын райдыдтаиккой

29:10–17

  • н. э. р. 746–716 азты

    Езеки паддзах уыд

  • НИСАН

    • 1–8 бонтӕ. Кувӕндон сыгъдӕг кодтой

    • 9–16 бонтӕ. Кувӕндон кӕронмӕ ссыгъдӕг кодтой

    • Архайын райдыдтой, цӕмӕй ӕгас Израил дӕр сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодтаиккой ӕмӕ та ӕцӕг Хуыцауӕн кувын райдыдтаиккой

  • н. э. р. 740 азы

    Самари пырхгонд ӕрцыд

Езеки фӕдзырдта сыгъдӕгзӕрдӕ адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр, цӕмӕй Йегъовӕйы номыл Куадзӕн скодтаиккой

30:5, 6, 10–12

  • Хабархӕсджытӕ ӕгас Израилы, Вирсавийӕ суанг Даны онг, адӕммӕ фыстӕджытӕ фӕхӕццӕ кодтой, Куадзӕн кӕй уыдзӕн, уый фӕдыл

  • Кӕд сыл иуӕй-иутӕ худтысты, уӕддӕр бирӕтӕ ӕрбацыдысты