НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, ахӕм бынӕттӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын у стыр кад
Израилы кувӕндон саразынӕн хъуыд бафыдӕбон кӕнын ӕмӕ стыр хӕрдзтӕ скӕнын. Фӕлӕ израилӕгтӕ уыцы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайдтой (1Аз 29:2–9; 2Аз 6:7, 8). Кувӕндон арӕзт куы ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕм куыд зылдысты, уымӕй бӕрӕг уыд, сӕ уырнындзинад сӕ кӕмӕн цы уавӕры уыд, уый (2Пд 22:3–6; 2Аз 28:24; 29:3). Абон дӕр Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразынӕн, ӕфснайынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн бахъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Фӕлӕ уый хауы нӕ лӕггадмӕ, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм (Пс 127:1; Рар 7:15).
НӔ БОН КУЫД У ӔХХУЫС КӔНЫН
-
Ӕмбырды фӕстӕ-иу, кӕм бадтыстӕм, уыцы ран аивӕй ӕмӕ ӕфснайдӕй ныууадзӕм.
-
Паддзахады зал бафснайынмӕ ӕмӕ-иу ӕй бацалцӕг кӕнынмӕ фӕкӕсӕм. Хъуыддагмӕ цас фылдӕр адӕм бавналой, уыйас ӕй ӕнцондӕр уыдзӕн саразын ӕмӕ фылдӕр циндзинад ӕрхӕсдзӕн (lv 105 ф., 18 абз.).
-
Мысайнаг-иу раттӕм. Зӕрдиагӕй-иу «дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы» дӕр куы раттӕм, уӕддӕр-иу Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзыстӕм (Мч 12:41–44).
-
Кӕд нӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд, Йегъовӕйӕн кӕм фӕкувӕм, ахӕм бынӕттӕ аразынӕн ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы архайынӕн ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ дӕсны аразджытӕ уӕм.