Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕРЕМИ 25–28

Йеремийау хъӕбатыр у

Йеремийау хъӕбатыр у

Йереми дзырдта, Иерусалим Силомы хуызӕн кӕй ныппырх кӕндзысты

26:6

  • Кӕддӕр бадзырды чырын уыд Силомы, ӕмӕ уыцы чырын амыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмы ’хсӕн кӕй ис

  • Йегъовӕ уый бар радта, цӕмӕй филистимӕгтӕ бадзырды чырын ахастаиккой; уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы чырын Силомы никуыуал уыд

Сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ адӕм Йеремийы марынмӕ хъавыдысты

26:8, 9, 12, 13

  • Йеремийы ӕрцахстой, уымӕн ӕмӕ дзырдта, Иерусалим ӕмӕ кувӕндон пырхгонд кӕй ӕрцӕудзысты

  • Йереми нӕ фӕтарст ӕмӕ нӕ алыгъд

Йегъовӕ Йеремийы бахъахъхъӕдта

26:16, 24

  • Йереми уыд хъӕбатыр, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ ныууагъта

  • Йегъовӕ Ахикамы фӕрцы Йеремийы цард бахъахъхъӕдта

Йегъовӕ Йеремийӕн кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ йӕ кӕй фидар кодта, уый фӕрцы йӕ бон уыд 40 азы дӕргъы хъусын кӕнын, адӕмы зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, уыцы хабар