Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Паддзахады зарджытӕ нӕ фидар кӕнынц

Паддзахады зарджытӕ нӕ фидар кӕнынц

Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстоны куы бадтысты, уӕд Хуыцауы кадӕн зарыдысты (Хъд 16:25). Нӕ рӕстӕджы дӕр не ’мчырыстӕттӕ Паддзахады зарджытӕ зарыдысты концлагер Заксенхаузены Германийы, ӕмӕ сӕ Сыбырмӕ куы ахастой, уӕд. Сӕ цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, зындзинӕдты рӕстӕг нӕ нӕ зарджытӕ тынг кӕй бафидар кӕнынц.

Тагъд бирӕ ӕвзӕгтыл фӕзындзӕн ног зарджыты чиныг «Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!». Куы йӕ райсӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн зарджыты ныхӕстӕ сахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ нӕ бинонты ахуыры рӕстӕг зарын (Еф 5:19). Ӕмӕ стӕй зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн. Паддзахады зарджытӕ нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нын цы ныфс ис, уый ма рох кӕнӕм. Нӕ зарджытӕ нӕ фӕлварӕнты рӕстӕг бафидар кӕнынц. Ӕмӕ куы ницӕуыл фӕтыхсӕм, уӕд та фӕзарӕм, нӕ зӕрдӕйы цин нын чи февдисы, уыцы зарджытӕ (1Аз 15:16; Пс 33:1–3). Цӕй уӕдӕ-иу нӕ зарджытӕ зарӕм!

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХСТ АДӔМЫ НЫФС ЧИ УАГЪТА, УЫЦЫ ЗАРӔГ» ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АХӔМ ФАРСТАТЫЛ:

  • Ӕфсымӕр Фрост зарӕг цавӕр уавӕрты ныффыста?

  • Концлагер Заксенхаузены уыцы зарӕг ӕфсымӕрты куыд фидар кодта?

  • Дӕу та Паддзахады зарджытӕ куыд фидар кӕнынц?

  • Паддзахады зарджытӕй дӕ кӕцы фӕнды сахуыр кӕнын?