Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Бацин-иу сыл кӕнут

Бацин-иу сыл кӕнут

Кӕуыл? Ӕмбырдмӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдоныл – фыццаг хатт чи ӕрбацыд кӕнӕ рагӕй кӕй зонӕм, уыдоныл (Ро 15:7; Дзт 13:2). Уыдонмӕ хауынц, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи ӕрцыд кӕнӕ чи ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, ды сӕ бынаты куы уаис ӕмӕ дыл куы бацин кӕниккой, уӕд сӕ бузныг нӕ уаис? (Мф 7:12). Уӕдӕ хорз уаид, чи нӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕн-иу ӕмбырды размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ салам куы раттиккам. Уӕд, цыма сӕхи бинонты ’хсӕн сты, афтӕ сӕм кӕсдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм (Мф 5:16). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй алы адӕймагимӕ дӕр аныхас кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, уӕд алкӕмӕн дӕр ӕхсызгон уыдзӕн *.

Хъуамӕ уазӕгуарзон ӕрмӕст Ӕрымысӕн изӕры ӕмӕ конгрессты рӕстӕг ма уӕм, фӕлӕ алкӕддӕр. Ӕмбырдмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацӕуа, уый куы фена, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, ӕмӕ йын йӕхиуыл дӕр куы бацин кӕной, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын (Ин 13:35).

^ 3 абз. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, хъуамӕ салам дӕр ма дӕттӕм, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ, ӕмбырдыл йӕ къух чи систа, уыдонӕн (1Кр 5:11; 2Ин 10).