Адӕмы хонынц Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ (Албани)

КУСӔН ТЕТРАД Мартъи 2017

Ныхас райдайӕн куыд ис

Брошюрӕ «Хуыцауы ӕппӕты стырдӕр лӕвары тыххӕй бузныг уыдзынӕ?». Спайда кӕн, Хуыцауы Паддзахад цы у, уый чи ӕмбарын кӕны, уыцы стихтӕй. Ацы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон»

Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд Йереми афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын? Цымӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Хуыцауы фӕндон нал ӕххӕст кодтой

Израилӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, нывӕндтӕ куы хӕссой, уӕд сын се ’взӕр митӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты. Йереми сын ӕргом дзырдта сӕ тӕригъӕдты ӕмӕ цӕстмӕ миты тыххӕй.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Куыд пайда кӕнӕм брошюрӕйӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?»

Ацы брошюрӕйӕ пайда кӕн, цӕмӕй ахуыргӕнинаг хуыздӕр базона, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты, цы аразӕм ӕмӕ нӕ организаци куыд архайы, уый.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Адӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы разамынды фӕрцы вӕййынц ӕнтыстджын

Рагон израилӕгтӕй Йегъовӕйы разамындмӕ чи хъуыста, уыдон фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цардысты.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Израил ферох кодта Йегъовӕйы

Йегъовӕ Хуыцауы цы бамбарын кӕнын фӕндыд, Йеремийы Евфраты цӕугӕдонмӕ иу-500 километрӕй дарддӕр куы арвыста ӕмӕ йын кӕттаг рон куы бамбӕхсын кодта, уӕд?

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы макуы рох кӕной

Уӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй Йегъовӕйы макуы рох кӕной, бинонты ахуыр уын алы къуыри дӕр куы уа ӕмӕ, цӕуыл ныхас кӕндзыстут, ууыл-иу рагацау куы ахъуыды кӕнат, уӕд. Бинонты ахуыр уадзын арӕхдӕр цы фӕхъыгдары, уыцы цӕлхдурты сӕрты ахизӕн куыд ис?