Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхас райдайӕн куыд ис

Ныхас райдайӕн куыд ис

«ХУЫЦАУЫ ӔППӔТЫ СТЫРДӔР ЛӔВАРЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ УЫДЗЫНӔ?»

Фарста: Хуыцау нын цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй, дӕумӕ гӕсгӕ, ӕппӕты стырдӕр лӕвар цы у?

Стих: Ин 3:16

Публикаци: Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй йӕ цард радтаид. Базондзынӕ ма дзы, уый цӕмӕн хъуыд ӕмӕ, уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн.

ЦЫ У ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД?

Фарста: Цавӕр дзуапп раттис ацы фарстайӕн: Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис? ӕрымысгӕ цыдӕр у? ӕви уӕларвон хицауад у?

Стихтӕ: Дан 2:44; 7:14

Иннӕ хатт цӕуыл аныхас кӕндзыстут: Иннӕ хатт дын радзурдзынӕн, Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй.

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ ХУЫНДЫ ГӔХХӔТТ

Публикаци: Адӕмы хонын иу ахсджиаг хабармӕ. Ныхас дзы цӕудзӕн, Йесо Чырысти йӕ цард мах тыххӕй цӕмӕн радта, ууыл. Уый фӕдыл дзы уыдзӕн Библийыл арӕзт раныхас, ӕмӕ базондзынӕ, Чырыстийы мӕлӕт нын цы пайда хӕссы, уый. Зӕрдиагӕй дӕ хонын.

ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС

Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.