НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Сфӕлдисӕгыл фидарӕй ӕууӕндой
Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттӕ йын хъусын кӕнынц йӕ кад (Пс 19:1–4; 139:14). Фӕлӕ, цард куыд фӕзынд, уый фӕдыл Хӕйрӕджы дуне парахат кӕны, Хуыцауы чи ӕгад кӕны, ахӕм хъуыдытӕ (Ро 1:18–25). Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕ уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕмӕ зонды уидаг ма ауадзой? Сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй фидарӕй ӕууӕндой, Йегъовӕ кӕй ис ӕмӕ алы адӕймагыл дӕр кӕй тыхсы (2Кр 10:4, 5; Еф 6:16). Скъолайы сын цы фӕамонынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый базоныныл-иу бацархайут. Сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарынӕн пайда кӕнут, нӕ организаци цы ӕрмӕг уадзы, уымӕй (Ӕм 20:5; Иак 1:19).
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДЕ ’МГӔРТТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ. ХУЫЦАУЫЛ ӔУУӔНДӔН ЦӔМӔН ИС» ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАТЫЛ:
Хуыцауыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый фӕдыл бирӕтӕ цавӕр рӕдыд хъуыдыйыл хӕст сты?
Скъолайы уын цы фӕдзурынц?
Йегъовӕ кӕй ис, уый дӕ цӕмӕн уырны?
Хуыцау алцыдӕр кӕй сфӕлдыста, уый тыххӕй искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд ын раст хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн куыд баххуыс кӕндзынӕ?