Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИСАЙ 52–57

Чырысти мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта

Чырысти мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта

«Адӕм ӕй ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой, сӕхи дзы дард ластой... [...] Мах та афтӕ ӕнхъӕл уыдыстӕм, ӕмӕ йӕ Хуыцау бакодта тухиты, бӕллӕхты ӕмӕ хъизӕмӕртты хай»

53:3–5

  • Адӕм Чырыстийы ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой ӕмӕ дзы дзырдтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ. Иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, Хуыцау ӕй кӕй бафхӕрдта

«Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид... ...Ӕмӕ йӕ къухӕй сараздзӕн, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый»

53:10

  • Йегъовӕйӕн ӕнцон нӕ уыд, йӕ Фырты йын куыд мардтой, уымӕ кӕсын. Фӕлӕ Чырысти иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый йын ӕхсызгон уыд. Хӕйрӕг сдзырддаг кодта Хуыцауы лӕггадгӕнджыты иузӕрдиондзинад, ӕмӕ Йесойы мӕлӕты фӕрцы сбӕлвырд, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у. Йӕ мӕлӕт ма стыр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн. Афтӕмӕй сӕххӕст, «Йегъовӕйы цы фӕнды, уый».