”Хъӕуы хъусын кӕнын „Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй“»
«Йегъовӕйы хорзӕхы аз» ӕнӕуи аз нӕу
-
Уыцы аз у бӕлвырд рӕстӕг. Уыцы рӕстӕг сабыр адӕмӕн Йегъовӕ фадат дӕтты, цӕмӕй сӕ зӕрдӕмӕ айсой, цы сӕрибардзинады хабар сын хъусын кӕны, уый
-
Фыццаг ӕнусы Йегъовӕйы хорзӕхы аз райдыдта, Чырысти н. э. 29 азы зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд, ӕмӕ ахаста Йегъовӕйы «мастисӕн боны» онг – н. э. 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕды онг
-
Нӕ рӕстӕджы та хорзӕхы аз райдыдта, 1914 азы Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ фӕуыдзӕн стыр бӕллӕхы
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн радта «рӕстдзинады стыр бӕлӕстӕ»
-
Зӕххыл ӕппӕты стырдӕр бӕлӕстӕ арӕхдӕр иумӕ фӕзайынц хъӕдты. Уыцы бӕлӕстӕ фидар вӕййынц кӕрӕдзийы фӕрцы
-
Сӕ даргъ уидӕгтӕ зӕххы бын кӕрӕдзийыл стыхсынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл афтӕ фидар фӕхӕцынц, ӕмӕ сын тыхдымгӕ дӕр ницы ракӕны
-
Стыр бӕлӕсты аууон талатӕ хъахъхъӕны, сӕ сыфтӕр зӕхмӕ кӕй ӕрызгъӕлы, уый та мӕр хъӕздыгдӕр кӕны
Зӕххы къорийыл цы чырыстон ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн стыр арфӕдзинад у, «рӕстдзинады стыр бӕлӕстӕ», ома сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи баззад, уыдон сын кӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕнынц, уый