Ног арв ӕмӕ ног зӕхх адӕмӕн стыр цины хос уыдзысты
Исайы 65 сӕры цы зӕрдӕвӕрд ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ афтӕ загъта, цыма уӕдмӕ дӕр сӕххӕст
Йегъовӕ аразы ног арв ӕмӕ ног зӕхх; уым хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн, раздӕр цы уыд, уый
Ног арв цы у?
-
Зӕххыл рӕстдзинад чи ӕрфидар кӕндзӕн, уыцы ног хицауад
-
Уыцы хицауад ӕрфидар 1914 азы, Хуыцауы Паддзахады Паддзах Чырысти куы сси, уӕд
Ног зӕхх цы у?
-
Алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмыхаттӕй Хуыцауы разамындмӕ чи хъусы, уыцы адӕм
Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн?
-
Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр мысинӕгтӕ цӕй аххосӕй баззайы, ахӕмӕй ног дунейы ницыуал уыдзӕн – никуы ницӕмӕйуал схъӕрздзӕн ӕмӕ йӕ ницыуал тыхсын кӕндзӕн
-
Рӕстгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ цардӕй райдзӕн, уыдзысты цинӕфсӕст ӕмӕ-иу сӕ царды алы бон дӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысдзысты