Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Цы ныфс уын ис, уый уын уӕд цины хос

Цы ныфс уын ис, уый уын уӕд цины хос

Ныфс науӕнгуырӕй уӕлдай нӕу (Дзт 6:19). Уый нын баххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинады нау зындзинӕдты абухгӕ денджызы ма ныппырх уа (1Тм 1:18, 19). Абухгӕ денджыз схонӕн ис, нӕ рӕдыдтыты тыххӕй куы фӕмаст кӕнӕм, ӕхцайӕ куы фӕтыхсӕм, бирӕ рӕстӕг рынчын куы вӕййӕм, исчи нын куы амӕлы кӕнӕ ма нӕ иузӕрдиондзинадӕн ноджыдӕр тӕссаг цӕмӕй вӕййы, ӕппӕт уыдӕттӕ.

Уырнындзинад ӕмӕ нын ныфс ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕм разӕй цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ирдӕй уынӕм (2Кр 4:16–18; Дзт 11:13, 26, 27). Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр хъуыды кӕнӕм, Хуыцау нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл. Уӕд нын уыцы ныфс цыфӕнды зын уавӕры дӕр фидар фӕлӕууынӕн тыхтӕ дӕтдзӕн, ӕмӕ нӕ циндзинад никуы ӕрмынӕг уыдзӕн (1Пт 1:6, 7).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЦЫ НЫФС УЫН ИС, УЫЙ УЫН УӔД ЦИНЫ ХОС» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АХӔМ ФАРСТАТӔН:

  • Моисей нын фӕзминаг цӕмӕй у?

  • Бинонты хистӕртыл цавӕр хӕс ис?

  • Бинонты ахуыры рӕстӕг уӕ бон цӕуыл у аныхас кӕнын?

  • Цы ныфс нын ис, уый нын фӕлварӕнты рӕстӕг куыд баххуыс кӕны?

  • Фидӕны цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?