Йезеки йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд
Ассирийы паддзах рабсакы Иерусалиммӕ арвыста, цӕмӕй дзуттӕгтӕн загътаид, ӕмӕ сӕхи сӕ къухтӕм радтаиккой. Ассириӕгтӕ алыхуызон мадзӕлттӕ фӕлвӕрдтой, цӕмӕй дзуттӕгтыл ӕнӕ тохӕй фӕуӕлахиз уыдаиккой.
-
Сӕ ныфс сын саста. Египет уын нӕ баххуыс кӕндзӕн (Ис 36:6).
-
Дызӕрдыг хъуыдытыл сӕ ӕфтыдта. Йегъовӕ уӕ сӕрыл нӕ тох кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ райгонд нӕу (Ис 36:7, 10).
-
Тӕрсын сӕ кодта. Хъомысджын ассириаг ӕфсады ныхмӕ нӕ фӕлӕудзыстут (Ис 36:8, 9).
-
Сайдта сӕ. Уӕхи ассириӕгты къухмӕ куы раттат, уӕд цардӕй къӕртт ӕппардзыстут (Ис 36:16, 17).
Езеки йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта
-
Йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй, ассириӕгтӕ горӕтыл куы ӕртыхстаиккой, уӕд цӕттӕ уыдаиккой
-
Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй сӕ фервӕзын кодтаид ӕмӕ адӕмы фидар кодта, цӕмӕй сӕ ныфс Йегъовӕйы дардтаиккой
-
Йегъовӕ Езекийӕн йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта – зӕды рарвыста, ӕмӕ уыцы зӕд иу ӕхсӕвмӕ 185 мин ассириаг ӕфсӕддоны амардта