Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«О Йегъовӕ... дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ»

«О Йегъовӕ... дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ»

Ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ зын рӕстӕджыты дӕр (Пс 25:1, 2). Н. э. размӕ 8 ӕнусы Иудӕйы чи цард, уыцы дзуттӕгтӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд. Уыцы хабарӕй мах дӕр бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм (Ро 15:4). Кинонывмӕ, «О Йегъовӕ... дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ» куы бакӕсат, уӕд ацы фарстатӕн дзуапп раттут.

  1. Езеки цавӕр зын уавӕры бахауд?

  2. Знӕгтӕ горӕтыл ӕртыхсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Езеки куыд архайдта, Ӕмбисӕндтӕ 22:3 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдонмӕ гӕсгӕ?

  3. Езеки ууыл хъуыды дӕр цӕуылнӕ кодта, цӕмӕй сӕхи ассириӕгты къухмӕ радтаиккой кӕнӕ та Египетимӕ бадзырд скодтаид?

  4. Езеки чырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

  5. Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый абон цавӕр уавӕрты ӕрцӕуы фӕлвӕрд?

Ныффысс, дӕ ныфс дӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр цавӕр уавӕрты фӕнды дарын.