Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ма рох кӕнут, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы чырыстӕтты тыххӕй кувын

Ма рох кӕнут, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы чырыстӕтты тыххӕй кувын

Библийы рагацау фыст ӕрцыд, Хӕйрӕг кӕй архайдзӕн, цӕмӕй нын нӕ лӕггад бакъуылымпы кӕна (Ин 15:20; Рар 12:17). Ӕндӕр бӕстӕты ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын? Нӕ бон у уыдоны тыххӕй кувын. «Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы» (Иак 5:16).

Фӕлӕ цӕй тыххӕй у нӕ бон кувын? Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хъӕбатырдзинад ратта ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсой (Ис 41:10–13). Нӕ бон ма у кувын, цӕмӕй хицауад хорз цӕстӕй кӕса хъусын кӕныны хъуыддагмӕ, «цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын» (1Тм 2:1, 2).

Павел ӕмӕ Петры фӕдыл куы зылдысты, уӕд фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ уыдоны тыххӕй номгай куывтой (Хъд 12:5; Ро 15:30, 31). Ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕмттӕ куы нӕ зонӕм, уӕддӕр нӕ бон у кувын се ’мбырды кӕнӕ бӕстӕйы тыххӕй.

Ныффысс, чырыстӕттӕ ӕфхӕрд кӕм ӕййафынц, уыцы бӕстӕтӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй кувай.