Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13–19 апрелы

РАЙДИАН 31

13–19 апрелы

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

  • «Иаков ӕмӕ Лаван фарны бадзырд скодтой» (10 мин.)

    • Рд 31:44–46. Иаков ӕмӕ Лаван дуртӕй цӕнд скодтой ӕмӕ йын йӕ сӕрыл къӕбӕр бахордтой, бадзырд кӕй скодтой, уый номыл (it-U «Галаад», № 4, 3 абз.)

    • Рд 31:47–50. Уыцы бынат схуыдтой Галаад ӕмӕ Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (it-U «Сторожевая башня», 3 абз.)

    • Рд 31:51–53. Иаков ӕмӕ Лаван кӕрӕдзийӕн дзырд радтой, иу дзы иннӕмӕн ӕвзӕрӕй кӕй ницы араздзӕн

  • Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (10 мин.)

    • Рд 31:19. Рахиль, гӕнӕн ис, йӕ фыды терафимтӕ цӕмӕн радавта? (it-U «Терафим», 2 абз.)

    • Рд 31:41, 42. Кӕд нӕ куысты хицау, «йӕ зӕрдӕ кӕмӕн ницӕмӕй ис балхӕнӕн», ахӕм адӕймаг у, уӕд нӕ бон куыд у Иаковы бафӕзмын? (1Пт 2:18; w13 15/3 21 ф., 8 абз.)

    • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уацамындӕн дзы цавӕр хъуыдытӕ ссардтай кӕнӕ дзы ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

  • Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Рд 31:1–18 (th 10 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

  • Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (видеоролик) (4 мин.). Равдис видеоролик ӕмӕ стӕй хъусджыты бафӕрс: хо куыд архайдта брошюрӕйы «Ахуыр кӕн» 6 урокмӕ гӕсгӕ, «Бамбарын кӕн, стих цӕмӕн кӕсыс», зӕгъгӕ? Хо сылгоймагӕн цы загъта, цӕмӕй йӕм иннӕ хатт ӕрбацӕуа?

  • Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (3 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Равдис, адӕймагӕн цы ис зӕгъӕн, куы дын зӕгъа, зӕгъӕм, «нӕ мӕ ’вдӕлы», «мӕнӕн мӕхи дин ис», «куыстмӕ цӕуын» кӕнӕ ма уӕ территорийы адӕм цы фӕзӕгъынц, ахӕм исты (th 4 урок).

  • Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (5 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Уый фӕстӕ адӕймагӕн йӕ хъус ӕрдар, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы публикацийы, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый фӕдыл цы темӕ ис, уымӕ (fg 5 сӕр) (th 8 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

  • 77 зарӕг

  • Ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдоны ныфс бауадз (20 мин. кӕнӕ къаддӕр). Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас. Равдис видеоролик «Йегъовæ тыхсы йæ фыстыл». Уый фӕстӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕн, брошюрӕйы «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх» 14 фарсыл цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутыл.

  • Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): jy 111 сӕр, 1–9 абз.

  • Кӕронбӕттӕн (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)

  • 146 зарӕг ӕмӕ куывд