Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 31

Иаков ӕмӕ Лаван фарны бадзырд скодтой

Иаков ӕмӕ Лаван фарны бадзырд скодтой

31:44–53

Иаков ӕмӕ Лаван дуртӕй цӕнд цӕмӕн скодтой?

  • Уыцы цӕнд, йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдонӕн уыд ӕвдисӕн, Иаков ӕмӕ Лаван фарны бадзырд кӕй скодтой, уымӕн.

  • Уыцы цӕнд Иаков ӕмӕ Лаванӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Йегъовӕ йӕ хъус кӕй дары, цӕмӕй уыцы фарны бадзырд ӕххӕст кӕной.

Абон дӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрой. Дӕлдӕр цы ӕртӕ хъуыддаджы кой цӕуы, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм кӕнӕ, искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд бафидауӕм?