Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 32, 33

Хуыцауы арфӕдзинадыл тох кӕныс?

Хуыцауы арфӕдзинадыл тох кӕныс?

32:24–28

Ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, цӕмӕй нын Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг царды фыццаг бынаты уа, уӕд Йегъовӕйы арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстӕм (1Кр 9:26, 27). Ацӕргӕ Иаков зӕдимӕ куыд фӕндфидарӕй тох кодта, афтӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хъуамӕ фӕндфидарӕй архайӕм. Йегъовӕйы арфӕдзинадыл кӕй тох кӕнӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн...

  • ӕмбырдтӕм нӕхи дзӕбӕх куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд;

  • уацамынды ӕдзух куы цӕуӕм, уӕд;

  • ӕмбырды иннӕтӕн зӕрдиагӕй куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд.

Цыфӕнды зын уавӕрты дӕр ӕдзух Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна ӕмӕ дзы кур, цӕмӕй дын арфӕ кӕна, ӕппӕт тыхтӕй йын кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Цавӕр хъуыддӕгты у мӕ бон ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы арфӕдзинадӕй хайджын уон?»