Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ӕппӕты ахсджиагдӕр мын цы у?

Ӕппӕты ахсджиагдӕр мын цы у?

Иаков зӕдимӕ хъӕбысӕй хӕцыд, цӕмӕй схайджын уыдаид, тынг ахсджиаг цы уыд, уымӕй – Йегъовӕйы арфӕдзинадӕй (Рд 32:24–31; Ос 12:3, 4). Махӕй та цы ис зӕгъӕн? Зӕрдиагӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ арфӕдзинадӕй хайджын уӕм? Зӕгъӕм нӕ ӕмбырды бон фӕскуыст бакусын куы хъӕуа, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд ныл йӕ арфӕдзинад ӕруадздзӕн, «цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафӕм, афтӕ» (Мл 3:10). Йегъовӕ нын разамынд дӕтдзӕн, хъахъхъӕндзӕн нӕ ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй нӕ цух нӕ уадздзӕн (Мф 6:33; Дзт 13:5).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔ РАЗЫ НЫСӔНТТӔ ӔВӔР» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Хойӕн, цы куыст уарзта, уый фӕлварӕн куыд сси?

  • Нӕ куыст нын фӕлварӕн кӕд суыдзӕн?

  • Кӕд Тимофей фӕлтӕрдджын чырыстон уыд, уӕддӕр ӕй дарддӕр дӕр йӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын цӕмӕн хъуыд? (1Тм 4:16).

  • Царды дын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у?

    Нӕ бон куыд у равдисын, ахсджиагдӕр нын цы хъуыддаг у, уый?