Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон фесафут»

«Цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон фесафут»

Иаков зыдта, Йегъовӕ уый аккаг кӕй у, цӕмӕй адӕймаг ӕрмӕстдӕр ууыл уа иузӕрдион, кӕд уыцы рӕстӕг мӕнгхуыцӕуттӕн кувыны тыххӕй закъон лӕвӕрд нӕма ӕрцыд, уӕддӕр (Рц 20:3–5). Йегъовӕ Иаковӕн фӕстӕмӕ Вефилмӕ аздӕхын куы бафӕдзӕхста, уӕд Иаков, йемӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонӕн загъта, цӕмӕй сӕ мӕнгхуыцӕуттӕ фесӕфтаиккой. Гъемӕ Иаков уыцы мӕнгхуыцӕуттӕ, стӕй ма, адӕм цы хъусцӕджытӕ (ӕвӕццӕгӕн, амулеттӕ) дардтой, уыдон дӕр, фесӕфта (Рд 35:1–4). Иаков цы сарӕзта, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыннӕ фӕцыдаид!

Махӕн та нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион? Хъуамӕ нӕхи хизӕм, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ ӕмӕ спиритизмимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй. Уый тыххӕй хъуамӕ фесафӕм хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст дзауматӕ. Стӕй ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм. Ахъуыды кӕн: «Цы чингуытӕ фӕкӕсын кӕнӕ цы кинотӕм фӕкӕсын, уым, мыййаг, спиритизмимӕ баст хабӕрттӕ нӕ вӕййы, зӕгъӕм, вампиртӕ, зомби ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ? Кӕнӕ та дзы, мыййаг, хинтӕ-кӕлӕнтӕ афтӕ ӕвдыст нӕ фӕцӕуынц, цыма ирхӕфсӕн йеддӕмӕ ницы сты?» Хъуамӕ нӕхи хизӕм, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕйдӕриддӕр уыны, уыдӕттӕй (Пс 97:10).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХӔЙРӔГӔН... ЙӔ НЫХМӔ СЛӔУУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Библи чи ахуыр кодта, уыцы сылгоймаг, Палесӕ, цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлд?

  • Кӕд спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕ нӕхицӕн, нӕ зонгӕтӕй искӕмӕн кӕнӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн фӕлварӕн сты, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын цӕмӕн хъӕуы?

  • Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс ут (Иак 4:7, 8).

    Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ хъахъхъӕна, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы фесафын?

  • Палесӕ куыд бакодта?

  • Дӕ бон куыд у, хӕйрӕджытимӕ баст чи у, уыцы бынӕттон ӕгъдӕуттӕй дӕхи хизын?