Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 12, 13

Хуыцау хъотыры тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Хуыцау хъотыры тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13:4, 5, 45, 46, 52, 57

Хуыцау хъотыры тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон цы уагӕвӕрдтыл арӕзт уыдысты, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, нӕ уырнындзинад куыд хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, уыцы хъуыддаджы?

  • Йегъовӕ сауджынтӕн бацамыдта, хъотыр тагъд сбӕрӕг кӕнӕн куыд уыд, уый. Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уайтагъд сӕ хъус ӕрдарынц, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕй бахъӕуы, уыдонмӕ (Иак 5:14, 15).

  • Израилӕгтӕ-иу хъуамӕ фесӕфтаиккой, хъотыр-иу кӕуыл фӕзынд, ахӕм дзауматӕ, цӕмӕй-иу уыцы низ ма апырх уыдаид. Чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ цӕттӕ уой, зынаргъ сын цы у, суанг ахӕм цӕуылдӕрты дӕр сӕ къух сисынмӕ, кӕд сын уый тыххӕй тӕригъӕд саразынӕй тӕссаг у, уӕд (Мф 18:8, 9). Уымӕ хауы, адӕймаг цӕуыл фӕцахуыр вӕййы, ахӕм исты, стӕй ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ дӕр.

Чырыстонӕн йӕ бон куыд у равдисын, ӕцӕгдӕр ӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй йын Йегъовӕ баххуыс кӕна?