Цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сыгъдӕг уӕм мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр. Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ нӕ лӕггад, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы цӕсты уой сыгъдӕг, стӕй хъуамӕ нӕхи дӕр сыгъдӕг дарӕм. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ архайӕм, нӕ алыварс адӕм куыдфӕнды ма кӕной, уӕддӕр. Нӕ уӕларвон Фыд чъизийыл цыдӕриддӕр нымайы, уыдӕттӕм мах хӕстӕг дӕр нӕ цӕуӕм.
Ацы дунейы зондахастӕй мӕхи куы хизон, уӕд мын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?