НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Цӕттӕ дӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнынмӕ?
Мыййаг, 23 азӕй 65 азмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты ’хсӕн дӕ? Де ’нӕниздзинад фидар у? Дӕ бон нӕ уаид, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын? Кӕд ацы фарстатӕн, о, зӕгъгӕ, загътай, уӕд нӕ хъуыды кодтай Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕныныл? Фыццаг къласӕй фӕстӕмӕ дзы сахуыр кодтой мингай къайтӕ, стӕй, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Фӕлӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕфсымӕрты ӕххуыс ноджы фылдӕр хъӕуы. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй дӕ дӕ лӕггады фылдӕр аразын бафӕнда ӕмӕ йын йӕ Фырты бафӕзмай (Пс 40:8; Мф 20:28; Дзт 10:7). Стӕй дын кӕд дӕ бинонты раз цавӕрдӕр хӕстӕ ис, кусгӕ кӕныс кӕнӕ хӕстӕ дарыс, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у фӕивын, цӕмӕй уыцы скъолайы сахуыр кӕнай.
Уыцы скъолайы чи сахуыр кӕны, уыдон стӕй кӕм ӕмӕ цы хуызы фӕлӕггад кӕнынц? Кӕйдӕрты снысан кӕнынц, ӕндӕр ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм рӕтты лӕггад кӕнынмӕ. Кӕмӕндӕрты та бахӕс кӕнынц, цӕмӕй-иу, стыр горӕтты бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕной. Кӕйдӕрты та снысан кӕнынц районон цӕстдарджыты хӕдивджытӕй, районон цӕстдарджытӕй ӕмӕ миссионертӕй. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн дын цы фадӕттӕ ис, уыдоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу бафӕзм пехуымпар Исайы. Уый загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис 6:8).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «МИССИОНЕРТӔ – ХУЫМЫ КУСДЖЫТӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Миссионерты куыд снысан кӕнынц?
-
Миссионертӕ цавӕр куыст кӕнынц ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
-
Йегъовӕ миссионерты лӕггадӕн куыд арфӕ кӕны?