Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Кусӕн тетрады цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдонӕй куыд ис пайда кӕнӕн?

Кусӕн тетрады цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдонӕй куыд ис пайда кӕнӕн?

2018 азы январӕй «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»-ы фыццаг фарсыл вӕййы цӕвиттонтӕ, уацамынды куыд ис аныхас кӕнӕн, уый фӕдыл. Куыд ис уыцы цӕвиттонтӕй пайда кӕнӕн?

Хӕслӕвӕрд дын куы уа. Цӕвиттоны вӕййы фарста, стих ӕмӕ, иннӕ хатт цы фарстайыл ис аныхас кӕнӕн, уый, ӕмӕ уыдонӕй хъӕуы пайда кӕнын. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, видеороликы хъусынгӕнджытӕ куыддӕриддӕр дзурынц, ды дӕр хъуамӕ афтӕ дзурай. Дӕ бон у ӕндӕр уавӕрӕй спайда кӕнын, дӕ ныхас ӕндӕрхуызон райдайын, ӕндӕр фарстатӕ дӕттын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дӕ бон ма у адӕймагӕн, иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй искӕцы раттын, кӕд хӕслӕвӕрды уый кой нӕй, уӕддӕр.

Уацамынды. Ацы цӕвиттонтӕ уый тыххӕй сты, цӕмӕй зонӕм, адӕмимӕ куыд ис ныхас кӕнӕн, уый. Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд дӕ бон у дӕ ныхас адарддӕр кӕнын (зӕгъӕм, рамкӕйы «Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн» цы фыст ис, уый фӕрцы). Дӕ бон у цӕвиттонты цыдӕртӕ фӕивын кӕнӕ та дӕ ныхас бынтон ӕндӕрхуызон аразын. Мыййаг, фӕстаг кусӕн тетрӕдты цы фарстатӕ уыд, уыдонӕй искӕцыйыл уӕ территорийы адӕм зӕрдиагдӕрӕй фӕныхас кӕнынц? Кӕнӕ та, мыййаг, Библийӕ кӕцыдӕр стих сӕ зӕрдӕ тынгдӕр бацагайы? Науӕд, мыййаг, ӕрӕджы кӕмдӕр цы хабар ӕрцыд кӕнӕ, кӕм цӕрут, уым цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдоныл зӕрдиагдӕрӕй фӕныхас кӕнынц? Цӕвиттонтӕй куыд пайда кӕндзынӕ, уый дӕхи бон у аскъуыддзаг кӕнын. Сӕйраг уый у, ӕмӕ хъуамӕ алцыдӕр «аразай хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнай» (1Кр 9:22, 23).