Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Кӕй фӕхондзынӕн?

Кӕй фӕхондзынӕн?

Алы аз дӕр мах зӕрдиагӕй фӕархайӕм, цӕмӕй-иу нӕ территорийы цӕрӕг адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхонӕм. Сӕ фылдӕр нын сты ӕнӕзонгӕ. Хъуамӕ ма хонӕм, кӕй зонӕм, уыдоны дӕр. Арӕхдӕр адӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуыныл сразы вӕййынц, сӕ зонгӕтӕ сӕ куы фӕхонынц, уӕд (yb08-U 11 ф., 3 абз.; 14 ф., 1 абз.). Ахъуыды кӕн, дӕ зонгӕтӕй кӕй фӕхонис, ууыл. Дӕ бон у фӕхонын:

  • дӕ хиуӕтты;

  • де ’мкусджыты кӕнӕ де ’мкъласӕгты;

  • дӕ сыхӕгты;

  • ӕдзух кӕй бабӕрӕг кӕныс, уыдоны, стӕй, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодтай ӕмӕ ныр кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕхондзысты, рагӕй чи нал хъусын кӕны ӕмӕ ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдоны. Кӕд зонгӕтӕй исчи ӕндӕр ран цӕры, уӕд дӕ бон цы у саразын? Кӕм цӕры, уым Ӕрымысӕн изӕр кӕм ӕмӕ цафон бӕрӕг кӕндзысты, уый ссарыны тыххӕй бацу сайты jw.org сӕйраг фарсыл вкладкӕмӕ МАХ ТЫХХӔЙ ӕмӕ равзар «Ӕрымысӕн изӕр». Ӕрымысӕн изӕры размӕ-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕй у фӕхонын, ууыл, ӕмӕ-иу сӕ стӕй фӕхон.