16–22 мартъийы
РАЙДИАН 25, 26
18 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (1 мин.)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Исав хистӕр фырты бартӕ ауӕй кодта» (10 мин.)
Рд 25:27, 28. Исав ӕмӕ Иаков уыдысты фаззӕттӕ, фӕлӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой (my 17 сӕр; it-U «Иаков», № 1, 3 абз.)
Рд 25:29, 30. Исав ӕххормаг ӕмӕ фӕллад кӕй уыд, уый тыххӕй хиуылхӕцгӕ нӕ разынд ӕмӕ, раст цы нӕ уыд, уый сарӕзта
Рд 25:31–34. Исав бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ хистӕр фырты бартӕ Иаковӕн ауӕй кодта, хӕринагыл сӕ баивта (w19.02 16 ф., 11 абз.; it-U «Первенец», 2 абз.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (10 мин.)
Рд 25:31–34. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы стихты ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уыдонмӕ ӕнӕмӕнг хистӕр фырты бартӕ хъуамӕ уыдаид. Фӕлӕ уый рӕдыд хъуыды цӕмӕн у? (Дзт 12:16; w17.12 14, 15)
Рд 26:7. Исахъ-иу цӕмӕн басусӕг кодта, Ревеккӕ йӕ ус кӕй у, уый? (it-U «Ложь», 7 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уацамындӕн дзы цавӕр хъуыдытӕ ссардтай кӕнӕ дзы ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Рд 26:1–18 (th 5 урок)
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (видеоролик) (5 мин.). Равдис видеоролик ӕмӕ стӕй хъусджыты бафӕрс: нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй адӕймаг ма фӕтыхса, нӕ фарстайӕн дзуапп куы нӕ зона, уӕд? Хъусынгӕнӕг Матфейы 20:28 стихыл адӕймагимӕ куыд ныхас кодта?
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (4 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй (th 3 урок).
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (4 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Стӕй адӕймагӕн ратт чиныг «Нӕ бон цы у базонын» (th 15 урок).
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Адӕмимӕ брошюрӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй» куы фӕахуыр кӕныс, уӕд-иу пайда кӕн видеороликтӕй (15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис видеороликтӕ «Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?» ӕмӕ «Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?». Алы видеороликы фӕстӕ дӕр хъусджыты бафӕрс: ацы видеороликӕй куыд ис спайда кӕнӕн, адӕймагимӕ брошюрӕ «Хорз хабар» куы ахуыр кӕнай, уӕд? (mwb19.03 7). Видеороликы цы хъуыдытӕ ис, уыдон дын куыд феххуыс кӕнынц Библийы ахуыр уадзгӕйӕ? Хъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, брошюрӕ «Хорз хабар» кӕй ис электронон форматы ӕмӕ дзы кӕй ис ссылкӕтӕ видеороликтӕм.
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): jy 108 сӕр
Кӕронбӕттӕн (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
107 зарӕг ӕмӕ куывд