Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн хъусын кӕнӕм

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн хъусын кӕнӕм

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕй бирӕтӕн ӕнцон нӕ вӕййы ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сахуыр уӕм ахӕм адӕмӕн хорз хабар арӕхстджынӕй хъусын кӕнын. Йегъовӕ ахӕм адӕмы уарзы ӕмӕ сыл тыхсы (Лв 19:14). Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Цӕстӕй чи нӕ уыны, ахӕм адӕмы агур (Мф 10:11). Чи зоны, дӕ зонгӕтӕй искӕмӕн ис, цӕстӕй чи нӕ уыны, ахӕм хиуӕттӕ. Кӕнӕ та, чи зоны, уӕ территорийы ис, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн уагъд публикацитӕ кӕм айсиккой, ахӕм скъолатӕ, зӕрӕдты хӕдзӕрттӕ кӕнӕ организацитӕ.

  • Зӕрдиагӕй сыл тыхс. Цӕстӕй чи нӕ уыны, ахӕм адӕмимӕ хӕларзӕрдӕ куы уай ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй куы тыхсай, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн демӕ ныхас кӕнын. Бацархай, цӕмӕй-иу дӕ ныхас райдайай, уӕ территорийы адӕмы цы тыхсын кӕны, уымӕй.

  • Нӕ публикацитӕ-иу сын ӕрбахӕсс. Нӕ организаци публикацитӕ уадзы алыхуызон форматты, цӕмӕй, цӕстӕй чи нӕ уыны кӕнӕ цӕстӕй ӕвзӕр чи уыны, уыдонӕн Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕна. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг-иу хъуамӕ сбӕрӕг кӕна, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕр раст кӕй байдзаг кодта, адӕймаджы литературӕ цы форматы хъӕуы, уый фӕдыл курдиат.