Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 29, 30

Иаков бинонтӕ скодта

Иаков бинонтӕ скодта

29:18–28

Иаков зонгӕ дӕр нӕ кодта, бинонтӕ куы скӕна, уӕд цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзӕн, уый. Рахил ӕмӕ Лийӕ фырхӕлӕгӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ систы (Рд 29:32; 30:1, 8). Фӕлӕ кӕд Иаков зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр уыдта, Йегъовӕ йемӕ кӕй уыд (Рд 30:29, 30, 43). Ӕппынфӕстаг йӕ байзӕддӕгтӕ систы Израилы адӕм (Рф 4:11).

Абон дӕр, бинонтӕ чи скӕны, уыдонӕн фӕзыны зындзинӕдтӕ (1Кр 7:28). Фӕлӕ Йегъовӕйыл сӕ ныфс куы дарой ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд уыдзысты амондджын (Ӕм 3:5, 6; Еф 5:33).