Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16–22 ноябры

ЛЕВИТ 4, 5

16–22 ноябры

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

  • «Йегъовӕйӕн дӕтт, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый» (10 мин.)

    • Лв 5:5, 6. Иуӕй-иу тӕригъӕдты тыххӕй-иу хъуыди ӕрхӕссын нывонд аххосы тыххӕй – уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк (it-U «Приношения», дӕлсӕргонд «Приношения за вину», 1 абз.)

    • Лв 5:7. Мӕгуыр чи уыд, уымӕн йӕ бон уыд нывондӕн дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны ӕрхӕссын (w19.01 8 ф., 4 абз.; w09-U 1/6 26 ф., 3 абз.)

    • Лв 5:11. Ноджы мӕгуырдӕр чи уыд, уымӕн та йӕ бон уыд нывондӕн ӕрхӕссын ӕппӕты хуыздӕр ссад, ефӕйы дӕсӕм хай (w09-U 1/6 26 ф., 4 абз.)

  • Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (10 мин.)

    • Лв 5:1. Чырыстӕттӕм ацы стихы ныхӕстӕ куыд хауынц? (w16.02 29 ф., 14 абз.)

    • Лв 5:15, 16. Йегъовӕ табуйагыл цы нымадта, уыдӕттӕм израилӕгтӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой? (it-U «Святость», дӕлсӕргонд «Животные и урожай»)

    • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уацамындӕн дзы цавӕр хъуыдытӕ ссардтай кӕнӕ дзы ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

  • Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Лв 4:27–5:4 (th 5 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

  • 81 зарӕг

  • «Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы 60 азӕй фылдӕр иумӕ пионертӕй лӕггад кӕнӕм» (15 мин.). Равдис ацы видеоролик. Стӕй хъусджыты бафӕрс: Такако ӕмӕ Хисако цы хуызы лӕггад кодтой ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты? Такакойӕн йӕ низ цавӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарын кодта ӕмӕ йын цы баххуыс кодта? Цины хос сын цы уыд ӕмӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдысты? Уыцы дыууӕ хойы цӕвиттонӕй куыд зыны, Ӕмбисӕндты 25:11, Екклесиасты 12:1 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 6:10 стихты ныхӕстӕ раст кӕй сты?

  • Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин. кӕнӕ къаддӕр): lv «Разамонӕг советы писмо» ӕмӕ 1 сӕр, 1–9 абз.

  • Кӕронбӕттӕн (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)

  • 95 зарӕг ӕмӕ куывд