НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Хъусын кӕнӕм телефонӕй
УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Телефонӕй хъусын кӕнын у ахсджиаг мадзал «хорз хабар адӕмӕн бӕстон» хъусын кӕнынӕн (Хъд 20:24) *. Уый фӕрцы нӕ бон у хъусын кӕнын, уавӕртӕм гӕсгӕ лӕгӕй-лӕгмӕ аныхас кӕнӕн кӕимӕ нӕй, уыдонӕн.
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:
-
Дӕхи-иу бацӕттӕ кӕн. Равзар, уӕ территорийы адӕммӕ цымыдисаг чи фӕкӕсдзӕн, ахӕм темӕ. Гӕххӕттыл афысс, цы зӕгъинаг дӕ, уый. Стӕй ма дӕ бон у рагацау ахъуыды кӕнын, автоответчик куы скуса, уӕд цыбыртӕй куыд бамбарын кӕндзынӕ, цӕмӕн бадзырдтай, уый. Гӕххӕттыл цы ныффыссай, уый дӕ разы стъолыл куы сӕвӕрай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн ныхас кӕнын. Дӕ бон ма у, зӕгъӕм, дӕ планшеты кӕнӕ дӕ телефоны приложенийы JW Library® кӕнӕ сайты jw.org® рагацау байгом кӕнын, чи дӕ бахъӕудзӕн, уыцы ӕрмӕг.
-
Ма-иу тыхс. Ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ-иу дзур. Адӕймаг дӕ цыма уынгӕ кӕны, дӕхи-иу афтӕ дар: дӕ мидбылты-иу бахуд ӕмӕ-иу дӕ къухтӕй истытӕ амон. Ныхас кӕнгӕйӕ-иу, кӕм нӕ хъӕуа, уым ма ӕрлӕуу. Ӕнцондӕр дын уыдзӕн, хъусынгӕнджытӕй искӕимӕ куы хъусын кӕнай, уӕд. Адӕймаг дӕм фарста куы ратта, уӕд-иу ӕй хъӕрӕй зӕгъ, цӕмӕй, кӕимӕ хъусын кӕнай, уый дын дзуапп ссарынӕн баххуыс кӕна.
-
Зӕгъ-иу, иннӕ хатт цӕуыл аныхас кӕндзыстут, уый. Адӕймаджы фылдӕр базонын куы бафӕнда, уӕд-иу ын зӕгъ, иннӕ хатт ӕм куы бадзурай, уӕд цавӕр фарстайыл аныхас кӕндзыстут, уый. Ис ын зӕгъӕн, дӕ бон ын кӕй у электронон почтӕйӕ кӕнӕ ӕнӕуи почтӕйӕ публикаци арвитын кӕнӕ та йын ӕй бахӕссын. Кӕнӕ йын зӕгъ, дӕ бон ын кӕй у нӕ видеороликтӕй кӕнӕ статьятӕй искӕцыйы ссылкӕ телефонӕй, планшетӕй кӕнӕ электронон почтӕйӕ арвитын.
^ 3 абз. Кӕд уӕ территорийы телефонӕй хъусын кӕныны фадат ис, уӕд архайын хъӕуы адӕймаджы тыххӕй информаци хъахъхъӕныны закъӕттӕм гӕсгӕ.