Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 8, 9

Йегъовӕ равдыста, йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны

Йегъовӕ равдыста, йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны

8:6–9, 12; 9:1–5, 23, 24

Ногӕвӕрд сауджынтӕ фыццаг хатт судзинаг нывонд куы ’рхастой, уӕд Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ уыцы нывонд аныхъуырдта. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, райгонд сӕ кӕй у ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый израилӕгтӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыдон дӕр сауджынтӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Махӕн та Йегъовӕ Хистӕр сауджынӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы (Дзт 9:11, 12). 1919 азы Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд (Мф 24:45). Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ ӕууӕнкджын цагъарӕн кӕй арфӕ кӕны, кӕй йын ӕххуыс кӕны ӕмӕ дзы райгонд кӕй у?

  • Кӕд Хуыцауы адӕм ӕдзухдӕр ӕфхӕрд ӕййафынц, уӕддӕр сын ӕууӕнкджын цагъар дарддӕр дӕр дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг.

  • Хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр», пехуымпарады куыддӕриддӕр загъд уыд, афтӕ (Мф 24:14).

Нӕ бон куыд у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн ӕххуыс кӕнын?