Цатыры нывондхӕссӕнтӕ арӕзт уыдысты Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сын уыд ахсджиаг нысаниуӕг.
-
Дӕсны конд чи уыд ӕмӕ-иу нывондхӕссӕныл кӕй сыгътой, уыцы буды тӕф-иу Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон уыд, афтӕ ӕхсызгон ын вӕййынц йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ дӕр.
-
Йегъовӕ-иу айста, нывондхӕссӕныл-иу ын кӕй ӕрхастой, уыцы судзинаг нывӕндтӕ. Уыцы нывондхӕссӕн амыдта Хуыцауы «фӕндонмӕ» – йӕ Фырт нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаид йе ’ххӕст цард, ӕмӕ Хуыцау цӕттӕ уыд уыцы нывонд айсынмӕ. Нывондхӕссӕн цатыры раз кӕй уыд, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны иу ахсджиаг хъуыддаг: цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм (Ин 3:16–18; Дзт 10:5–10).
Нӕ бон куыд у нӕ куывдтытӕ хӕрздӕф будау цӕттӕ кӕнын? (Пс 141:2).