НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Мӕт макуы кӕнут»
Рагон Израилы Йегъовӕ мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта. Цымӕ абон йӕ лӕггадгӕнджытӕй мӕгуыр цард чи кӕны, уыдонӕн та куыд ӕххуыс кӕны?
-
Ахуыр сӕ кӕны, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсой (Лк 12:15; 1Тм 6:6–8).
-
Ӕххуыс сын кӕны, цӕмӕй сӕхицӕн аргъ кӕной (Иов 34:19).
-
Ахуыр сӕ кӕны, цӕмӕй фыдӕбон кӕной ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ма аразой (Ӕм 14:23; 20:1; 2Кр 7:1).
-
Ӕрбакодта сӕ, адӕм кӕрӕдзи кӕм уарзынц, ахӕм организацимӕ (Ин 13:35; 1Ин 3:17, 18).
-
Йегъовӕйы фӕрцы сын фидӕнӕй ис ныфс (Пс 9:18; Ис 65:21–23).
Нӕ уавӕр нӕм цыфӕнды зын куы кӕса, уӕддӕр хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм (Ис 30:15). Йегъовӕйы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын Йегъовӕ алкӕддӕр дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Мф 6:31–33).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗОНДЗИНАДЫ ФӔРЦЫ АЛЦЫДӔР СФӔРАЗДЗЫНӔ, КӔД МӔГУЫР ЦАРД КӔНЫС, УӔДДӔР (КОНГО)» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Регионалон конгресстӕ кӕм фӕцӕуынц, уырдӕм хӕстӕг цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цӕры, уыдон уазӕгуарзондзинад куыд равдыстой?
-
Йегъовӕ мӕгуырты кӕй уарзы, уый ацы видеороликӕй куыд зыны?
-
Кӕд мӕгуыр цард кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?