ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Ӕппӕт ацы арфӕдзинӕдтӕ... уыдзысты дӕ хай»
Йегъовӕмӕ чи хъусы, уыдон бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзысты (Д.з 28:1, 3–6; w10 15/12 19 ф., 18 абз.).
Йегъовӕ йӕ коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕн раарфӕ кӕндзӕн (Д.з 28:2; w01 1/10 8 ф., 2 абз.).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ» лӕггад кӕнӕм (Д.з 28:45–47; w10 15/9 8 ф., 4 абз.).
Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты абон дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, фидӕны та сӕ ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн.