НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Дӕ бон у, ӕмӕ хъӕбатыр уай
Хъӕбатыр адӕймаг вӕййы фидар, ныфсджын ӕмӕ ныфсхаст. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахӕм адӕймаг никуы ницӕмӕй фӕтӕрсы. Кӕд цӕмӕйдӕр фӕтӕрсы, уӕддӕр ӕнцад нӕ фӕбады. Ӕцӕг хъӕбатыр уыдзыстӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы (Пс 28:7). Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у хъӕбатырӕй архайын?
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ФӔЗМУТ ТӔППУДТЫ НӔ, ФӔЛӔ ХЪӔБАТЫРТЫ!» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Ӕрыгӕтты хъӕбатырдзинад цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы?
-
Библийӕ нын кӕй цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм?
-
Хъӕбатыр куы уӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр куыд фӕпайда уыдзӕн?