Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕн

Цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕн

Израилаг-иу Йегъовӕйӕн дзырд радта барвӕндонӕй ӕмӕ-иу хъуамӕ йӕ ныхас ма фӕсайдтаид (Нм 30:2; w17.04 4 ф., 3 абз.).

Дзырд раттынмӕ ма хауы, адӕймаг цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй куы расомы кӕны, уый (кӕд ӕвзӕр цыдӕр нӕ вӕййы, уӕддӕр) (Нм 30:3, 4; w17.04 3 ф., 2 абз.).

Нӕ рӕстӕджы исчи Йегъовӕйӕн дзырд куы ратты, уӕд, куыд ӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы раз фӕдӕтты дзуапп (Нм 30:6–9; w04 1/8 32 ф., 2 абз.).

Абон чырыстӕттӕ цы хъуыддӕгты раттынц дзырд, уыдонӕй дыууӕ сты ӕппӕты ахсджиагдӕр: сӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнынц, уӕд цы дзырд раттынц, уый ӕмӕ сӕ цардӕмбалӕн цы дзырд раттынц, уый.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Хуыцауӕн, стӕй мӕ цардӕмбалӕн цы дзырд радтон, уый ӕххӕст кӕнын?»