Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Уӕ бинонты кӕй уарзут, уый хъуыддагӕй ӕвдисут

Уӕ бинонты кӕй уарзут, уый хъуыддагӕй ӕвдисут

Уарзондзинады фӕрцы бинонтӕ вӕййынц ӕнгом. Уарзондзинад кӕм нӕй, ахӕм бинонты ’хсӕн иудзинад нӕ вӕййы, стӕй сын цавӕрдӕр хъуыддӕгты иумӕ архайын зын вӕййы. Лӕгтӕ, устытӕ ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ бинонты кӕй уарзынц, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Уарзӕгой сӕрыхицау фылдӕр фӕхъуыды кӕны йӕ бинойнагыл, стӕй йын йӕ хъуыдыйӕн ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕн фӕаргъ кӕны (Еф 5:28, 29). Уый йӕ бинонты фӕдары ӕмӕ сын Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн феххуыс кӕны, зӕгъӕм, фӕархайы, цӕмӕй сын бинонты ахуыр алы къуыри дӕр уа (1Тм 5:8). Уарзӕгой бинойнаг йӕ лӕджы коммӕ фӕкӕсы ӕмӕ йӕ фӕнымайы (Еф 5:22, 33; 1Пт 3:1–6). Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ уой (Еф 4:32). Уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй алкӕмӕн дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнынц ӕмӕ сын феххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой (Д.з 6:6, 7; Еф 6:4). Уыдон фӕзонынц, сӕ сывӕллӕттӕ скъолайы цавӕр зындзинӕдтыл фембӕлынц ӕмӕ цы аразынц, цӕмӕй се ’мгӕртты зондыл ма цӕуой. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад куы вӕййы, уӕд дзы алчидӕр йӕхи ӕдас фӕхаты ӕмӕ вӕййы хъахъхъӕд.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗОНДЗИНАД ӔВДИСӔМ НӔ БИНОНТЫ ’ХСӔН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Уарзӕгой сӕрыхицауӕн йӕ бон куыд у йӕ усмӕ «зилын ӕмӕ йӕ буц дарын»?

  • Уарзӕгой бинойнагӕн йӕ бон куыд у, йӕ сӕрыхицауы кӕй нымайы, уый ӕвдисын?

  • Уарзӕгой ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты Хуыцауы ныхас арф ӕвӕрын?