Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Зондамынд у Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг

Зондамынд у Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг

Зонд амонынмӕ сӕйраджыдӕр хауы искӕй ахуыр кӕнын. Фӕлӕ ма ацы дзырдбаст фӕамоны искӕй зондахаст бараст кӕнынмӕ ӕмӕ бафхӕрынмӕ дӕр. Йегъовӕ нын зонд бацамоны, цӕмӕй йын нӕ бон уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын (Ро 12:1; Дзт 12:10, 11). Адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ӕм уый хатт хъыг фӕкӕсы. Фӕлӕ уыцы зондамындмӕ куы байхъусы, уӕд раст хъуыддӕгтӕ аразын райдайы ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы (Ӕм 10:7). Зонд чи амоны ӕмӕ зонд кӕмӕн амонынц, уыдон сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

Зонд чи амоны, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ Йегъовӕйы фӕфӕзмынц ӕмӕ, искӕмӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд уый фӕаразынц фӕлмӕнӕй (Йер 46:28). Адӕймаджы бафхӕрын куы хъӕуа, уӕддӕр ӕй, цы тӕригъӕд сарӕзта, хъуамӕ уымӕ гӕсгӕ бафхӕрой, ӕмӕ уый хъуамӕ аразой, кӕй йӕ уарзынц, уый тыххӕй (Тит 1:13).

Зонд кӕмӕн амонынц, уый. Зонд нын куыдфӕнды ма амоной, хъуамӕ йыл нӕ къух ма ауигъӕм, фӕлӕ йӕм уайтагъд байхъусӕм (Ӕм 3:11, 12). Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын хатт фӕхъӕуы зонд бацамонын. Йегъовӕ нын зонд алыхуызӕтты бацамоны. Зӕгъӕм, Библийы цы бакӕсӕм ӕмӕ ӕмбырдты цы фехъусӕм, уый фӕрцы бамбарӕм, цы нӕ хъӕуы фӕивын, уый. Фӕлӕ нын хатт зонд бацамоны барадон комитеты уылты. Зондамындмӕ-иу куы байхъусӕм, уӕд нын Йегъовӕ абон дӕр арфӕ кӕндзӕн, фидӕны та нӕ ӕнусон цардӕй схайджын кӕндзӕн (Ӕм 10:17).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ, КӔЙ УАРЗЫ, ЗОНД ДӔР УЫМӔН АМОНЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Кенон цавӕр цард кодта, фӕлӕ стӕй цы фӕивта?

  • Йегъовӕ йын фӕлмӕнӕй зонд куыд бацамыдта?

  • Йегъовӕйы зондамынд бауарз

    Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?