АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД
Иннӕты зӕрдиагӕй ахуыр кӕнут
Зӕрдиагӕй куы дзурай, уӕд дӕм дӕ хъусджытӕ дӕр зӕрдиагӕй хъусдзысты. Зӕрдиагӕй куы фӕдзурӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, цы дзурӕм, уый ахсджиагыл кӕй нымайӕм. Цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм ӕмӕ цыфӕнды удыхъӕды хицау ма уӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ зӕрдиагӕй дзурын сахуыр уӕм (Ро 12:11). Цымӕ куыд?
Фыццаг, ахъуыды кӕн, цы дӕ фӕнды радзурын, уый ахсджиаг цӕмӕн у. «Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» кӕй хъусын кӕныс, уый стыр кад у! (Ро 10:15). Дыккаг, ахъуыды кӕн, цы дзурдзынӕ, уый иннӕтӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Уыцы хабар сӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы фехъусын! (Ро 10:13, 14). Ӕмӕ ӕртыккаг, зӕрдиагӕй дзур. Уый бӕрӕг уӕд дӕ цӕсгомы змӕлдӕй ӕмӕ де уӕнгты змӕлдӕй.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ХӔССЫ ЦИНДЗИНАД. АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔНУТ. ИННӔТЫ ЗӔРДИАГӔЙ АХУЫР КӔНУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Нитӕ Джейдимӕ Библи зӕрдиагӕй цӕуылнӕуал ахуыр кодта?
-
Нитӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй та Джейдимӕ Библи зӕрдиагӕй ахуыр кӕнын райдыдтаид?
-
Кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдоны хорз миниуджытыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?
-
Зӕрдиагӕй куы дзурӕм, уӕд уый, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоныл ӕмӕ иннӕтыл куыд фӕзындзӕн?