Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Хъуыр-хъуыр цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм?

Хъуыр-хъуыр цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм?

Адӕймаг хъуыр-хъуыр куы фӕкӕны, уӕд уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы (Нм 11:1; w01 1/7 11 ф., 20 абз.).

Адӕймаг хъуыр-хъуыр куы фӕкӕны, уӕд уымӕй рабӕрӕг вӕййы, хиуарзон кӕй у ӕмӕ хорздзинадӕн кӕй нӕ аргъ кӕны (Нм 11:4–6; w06 1/8 7 ф., 7 абз.).

Адӕймаг хъуыр-хъуыр куы фӕкӕны, уӕд уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр сӕ ныфс асӕтты (Нм 11:10–15; it-U «Ссора», дӕлсӕргонд «Ропот», 1 абз.).

Кӕд израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сын арфӕдзинӕдтӕ дӕр бирӕ уыд, ӕмӕ хъуамӕ уый тыххӕй бузныг уыдаиккой. Йегъовӕ нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны, уыдоны тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд хъуыр-хъуыр нӕ кӕндзыстӕм.